"Федералон ахуырадон стандарты домæнтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты æххæст кæнын"
Автор: Доева Джульетта МихайловнаДолжность: учитель осетинского языка и литературы
Учебное заведение: МБОУ гимназия №5
Населённый пункт: г.Владикавказ, РСО -Алания
Наименование материала: Статья
Тема: "Федералон ахуырадон стандарты домæнтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты æххæст кæнын"
Раздел: начальное образование
Назад
«Федералон
ахуырадон
стандарты
д о м æ н т æ
и р о н
æ в з а г
æ м æ
литературæйы
урокты
æххæст
кæнын»
Ахуырты дидактикон хицæндзинæдтæ
Нысан
Зонындзинæдтæ
рæзын
кæнын
Х и б а р æ й
а х у ы р
к æ н ы н ы л
ф æ ц а л х
кæнын
С æ й р а г
д и д а к т и к о н
мадзал
Репродуктивон
Продуктивон
Ахуырты мидис
Хуызæгмæ
гæсгæ
ахуыр
кæнын
Цæттæйæ ницы дæттын:
-аразын уавæртæ
хибарæй хъуыды
кæнынæн;
-фæрстытæ раст
æвæргæйæ, феххуыс
кæнын раст хатдзæг
скæнынæн,
уый фæстæ – практикон
куыстытæ
Методикæ
Ахуыргæнæг
а мо н ы ,
куыд
архайын
хъæуы,
уый
Скъоладзаутæ
сæхæдæг
а р х а й ы н ц ,
х ъ у ы д ы
кæнынц
Куысты хуызтæ
Ф ы л д æ р
и у у ы л д æ р
иумæ, къаддæр къордты
куыст
Фылдæр къордты куыст,
къаддæр
иууылдæр
иумæ
Урочы методикон нысантæ
1. Скъоладзау хъуамæ хорз æмбара, абон урочы куыст цæуыл
цæудзæн, цы зонындзинæдтæ хъуамæ райса, цы нысан æвæрд ис
йæ размæ.
2. Ахуырдзаутæ урочы хъуамæ пайда кæной анализ æмæ
синтезæй, абарстæй, кæной хатдзæгтæ. Урочы хъуамæ базоной
æмбарынæдты кæрæдзиуыл бастдзинад (цы сæм ис иумæйагæй,
хицæн та цæмæй кæнынц).
3. Скъоладзауты кусын кæнын хъæуы хибарæй. Хибарæй
архайынæн та хорз æххуыс сты ахуыргæнæджы арæзт проблемон
уавæртæ (цæлхдуртæ). Цæлхдур иуварс кæнгæйæ, скъоладзау кæны
сфæлдыстадон куыст, рæзы йæ логикон хъуыдыкæнынад.
Урочы методикон нысантæ
4. Урочы фаг æргом здахын коллективон архайдмæ,
скъоладзауты кусын кæнын иумæ (къордты кæнæ къæйттæй).
Къорды куыст алы скъоладзауы дæр архайын кæны урочы.
Иумæйаг хъуыддагыл кусгæйæ, скъоладзаутæ кæнынц
ныфсджындæр, активондæр.
5. Урочы аразын хъæуы, скъоладзауты сæ хъуыдытæ
æргом кæнынмæ разæнгард чи кæны, ахæм коммуникативон
уавæртæ.
6. Ахуырты рæстæг пайда кæнын хъæуы, скъоладзауты
миддуне, сæ арæхстдзинæдтæ раргом кæнынæн хорз æххуыс
чи у, ахæм алыхуызон куысты мадзæлттæй.
Ахуыргæнæджы архæйдтытæ, урок цæттæ кæнгæйæ
1. Ног æрмæг (темæ) куыд хуыздæр фехъусын кæна, ууыл
ахъуыды кæнын.
2. Рацыд æрмæгæй скъоладзауты зæрдыл цы æрлæууын кæнын
хъæудзæн, уый сбæрæг кæнын.
3. Рацыд æрмæг сфæлхат кæнынæн куысты хуызтæ бацагурын.
4. Проблемон уавæр куыд сараздзæн, цы уыдзæн цæлхдур
скъоладзаутæн, уый сбæрæг кæнын.
5. Хибарæй (къордты) куыст урочы куыд сараздзæн, ууыл
ахъуыды кæнын.
6. Цавæр хатдзæгтæ хъуамæ скæной скъоладзаутæ, цæлхдур
иуварс кæнгæйæ, уый сбæрæг кæнын.
7. Ног æрмæгыл бакусынæн бацагурын практикон хæслæвæрдтæ
(уыдон дæр цæлхдурты хуызы).
Ног æрмæг амоныны урочы структурæ
1) Скъоладзауты бацæттæ кæнын урочы архайынмæ
(мотиваци).
2) Цы нæ зонынц ахуырдзаутæ, цæуылнæ у сæ бон
урочы архайын, уый сбæрæг кæнын; бакусын цæлхдур
аиуварс кæныныл.
3) Раттын хæслæвæрд.
4) Байхъусын скъоладзауты дзуæппытæм, баххуыс сын
кæнын раст хатдзæгтæ скæнынæн.
5) Скъоладзауты хибарæй куыстыл бафтауын.
6) Практикон куысты хуызтæ.
7) Рефлексия (скъоладзауты дзуæппытæ, цы базыдтой
урочы, зын сæм цы фæкаст æмæ æндæрты тыххæй).
Системон-архайдон технологимæ гæсгæ урокæн скæнæн ис
ахæм анализ:
1. Хибарæй куыст цас рæстæг æххæстгонд цыд
(урочы рæстæгæн йæ 50% къаддæр нæ).
2. Ахуыргæнæг йæхæдæг цас фæдзырдта (10 минутæй
фылдæр нæ).
3. Цал скъоладзауы лæвæрдтой дзуапп урочы, æмæ цас
рæстæг хардзгонд æрцыд сæ дзуæппытæм байхъусынæн (цас
фылдæр, уый бæрц хуыздæр).
4. Цал скъоладзауы райстой бæрæггæнæнтæ (хъуамæ
иууылдæр райсой).
5. Цал скъоладзауы уыдысты цæттæ ног æрмæгмæ
байхъусынмæ?
6. Цал скъоладзауы бамбæрстой ног æрмæг?
7. Хæдзармæ куыстæн цавæр хæслæвæрд радта?
Зæрдылдаринаг ахуыргæнæгæн
1. Урочы къаддæр дзур: хæслæвæрды домæнтæ цалдæр хатты ма
дзур; чиныджы бакæсæн кæмæн ис, уыцы информаци дæхæдæг ма дзур;
скъоладзауы дзуапп ма фæлхат кæн!
2. Скъоладзау дзуапп куы радта, уæд æй бафæрс, цæмæн афтæ
хъуыды кæны, уымæй.
3. Ахуырдзауы дзуапп дæхæдæг ма раст кæн. Уадз æмæ йын йæ
рæдыд йе ’мбæлттæ бафиппайой сраст æй кæной.
4. Скъоладзауы дзуаппæн (архайдæн) дæхæдæг ма аргъ кæн, йе
’мкъласонты бауадз.
5. Хæслæвæрдтæ раст æмæ бæлвырд æвæр; скъоладзаутæй цы домыс,
ууыл-иу ахъуыды кæн.
6. Фылдæр хъуамæ архайай урочы нæ, фæлæ урок цæттæ кæнгæйæ:
урокмæ æрмæг агургæйæ, урочы структурæйыл хъуыды кæнгæйæ.
Урочы актер нæ дæ, фæлæ режиссер!
Куыд хъуамæ аива ахуыргæнæджы архайд урочы?
Традицион урочы
Стандартмæ гæсгæ
Урочы куыст
Фылдæр рæстæг хардз
цыдис æрмæг бацамоныныл
æмæ бафидар кæныныл (80
% дзырдта ахуыргæнæг)
Ахуыргæнæг
амоны
–
урочы
рæстæгæн
йæ
20 –
30% .
Æрмæг
бафидар
кæнынæн
–
урочы рæстæгæн йæ 5 –10% .
Скъоладзаутæ хибарæй кусынц
урочы
рæстæгæн
йæ
60 –70% .
Ахуыргæнæг
сæйрагдæрыл
цы нымадта?
Йæ размæ цы хæстæ ис, уыдон
баххæст кæнын
Скъоладзауты фæцалх кæнын:-
-
хъæугæ
информаци
ссарын,
равзарын æй;
- равзарын раст куысты хуыз;
- куысты фæтк сбæрæг кæнын,
…
10
Царды арæх фæиуварс кæнæм цæлхдуртæ
(проблемæтæ). Скъола нæ уымæ куыд цæттæ кæны?
Традицион урочы
структурæ
1.
Ахуыргæнæг
скъоладзауты
хæдзармæ куыст
сбæрæг кæны.
2. Ахуыргæнæг ног темæ
фехъусын кæны.
3. Ахуыргæнæг ног темæ
бацамоны.
4. Ахуыргæнæг темæ
бафидар кæныныл
бакусы.
Царды сæ куыд аиуварс кæнæм?
1. Цард нын нæ размæ сæвæры
цæлхдур. Куыд нæ архайын
хъæуы, ууыл асагъæс кæнæм.
2. Уавæрæй рахизынæн нæм цы ис,
цæмæ арæхсæм, ууыл ахъуыды
кæнæм.
3. Нæ размæ цы цæлхдур сæвзæрд,
уый аиуварс кæныныл
фæархайæм (хатгай нæ ног
зонындзинæдтæ дæр бахъæуы).
4. Нæ къухы цы бафтыд, уый, цæмæ
тырныдтам, уымæн дзуапп дæтты
æви нæ, уый фæдыл хатдзæг
скæнæм.
11
Традицион урок
1. Ахуыргæнæг хæдзармæ
куыст сбæрæг кæны.
2. Ахуыргæнæг ног темæ
фхъусын кæны.
3. Ахуыргæнæг ног æрмæг
бацамоны.
4. Скъоладзаутæ ног æрмæг
бахъуыды кæныныл
бацархайынц.
Проблемон урок
1. Ахуыргæнæг проблемон
уавæ р (цæ лхдур) саразы,
ахуырдзаутӕ проблемæ
сбæ рæ г кæ нынц
2. Скъоладзаутæ рацыд æ рмæ г
зæ рдыл æ рлæ ууын кæ нынц.
3. Скъоладзаутæ , цæ лхдур куыд
аиуварсгæ нæ н ис, ууыл
хъуыды кæ нынц.
4. Скъоладзаутæ, цы хатдзæ гмæ
æ рцыдысты, уый раргом
кæ нынц.
5. Скъоладзаутæ цæ лхдур
аиуварс кæ нынц.
Проблемон технологи
Йæ нысан – хибарæй цæлхдурты сæрты хизын сахуыр кæнын.
Йæ мадзæлттæ – скъоладзаутимæ иумæ ног зонындзинæдтыл
архайын.
Проблемон урочы арæзт
Нысан
Урочы хæйттæ
Ахуыргæнæджы архайд
урочы
Хибарæй
архайын
фæцалх
кæнын
бацæуæн
скъоладзауты размæ
проблемæ (цæлхдур)
сæвæрын
скъоладзауты цæлхдур
аиуварс кæныныл
бафтауын
сæйраг хай
цы хатдзæгмæ
æрцыдысты, уымæ
байхъусын
хатдзæг бамбарын
кæнын, практикон
куыстытæ раттын
Хатдзæгтæ:
•
1. Проблемон технологи скъоладзауты цæттæ кæны урочы хибарæй архайынмæ, хибарæй хатдзæгтæ
кæнынмæ.
•
2. Проблемондзинад сæвзæрын кæнæн ис алыхуызон методтæй пайда кæнгæйæ: проблемон фæрстытæ
æвæргæйæ, алыхуызон хæстæ æххæст кæнгæйæ. Традицион методтæ та фылдæр арæзт сты темæ фехъусын
кæнынмæ, зонындзинæдтæ цæттæйæ раттынмæ.
•
3. Проблемон уавæрты скъоладзаутимæ кæнæн ис фронталон куыст, къордты куыст, кусæн ис къæйттæй,
индивидуалон æгъдауæй.
•
Традицион методтæ та фылдæр сты фронталон куыстимæ баст.
•
4. Проблемон уавæртæ рæзын кæнынц скъоладзауты сфæлдыстадон гæнæнтæ. Уымæн хорз æххуыс сты
алыхуызон мадзæлттæ: техникон фæрæзтæ, цæстуынгæ æрмæджытæ æмæ а.д.
В раздел образования